«Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут»
1. Ног чиныг цӕй тыххӕй рауагътой?
1 Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмбырды ног чиныг, «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут», зӕгъгӕ, ахуыр кӕнын кӕд райдайдзыстӕм, уымӕ! Чиныджы райдиан ис Разамонӕг советы писмо, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонмӕ. Писмойы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ныфс нӕ ис, ацы чиныг дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Библимӕ гӕсгӕ цӕрай ӕмӕ „ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай“ (Иудӕ 21)».
2. Цавӕр хъуыддӕгты нын баххуыс кӕндзӕн ацы чиныг?
2 Чиныг цӕуыл у? Библийы уынаффӕтӕ нын цавӕр хъуыддӕгты баххуыс кӕндзысты? Зӕгъӕм, бинонты царды, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ, цы ӕгъдӕуттыл хӕст стӕм, бартӕ кӕмӕ сты, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ӕмӕ куыд ныхас кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгты. Не ’фсарм ахуыр кӕндзыстӕм Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Пс. 19:7, 8). Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый хорз куы ’мбарӕм, уӕд алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмб. 27:11; 1 Иоан. 5:3).
3. Ӕмбырдмӕ хорз цӕмӕн хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?
3 Дзуапп дӕттӕм. Ӕмбырдмӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дарӕм нӕ нысан – Хуыцауы йӕ адӕмы ’хсӕн кадджын кӕнын (Дзут. 13:15). Ӕмбырды иумӕ ахуыр кӕндзыстӕм ацы ног чиныг. Гыццыл хӕйттӕй йӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн хорз цӕттӕ кӕнын ӕмӕ уӕндонӕй дзуапп дӕттын. Нӕ дзуаппытӕ хорз цӕттӕ ӕмӕ цыбыр куы уой, уӕд иннӕты дӕр разӕнгард кӕндзыстӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, ӕмӕ уӕд ӕмбырд алкӕмӕндӕр пайда хӕсдзӕн (Дзут. 10:24). Стӕй ма нын стыр циндзинад хӕсдзӕн, нӕ уырнындзинады тыххӕй кӕй дзурӕм, уый дӕр.
4. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?
4 Йесо Чырысти зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд бамбарын кодта, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм (Иоан. 15:10). Ацы чиныджы ӕххуысӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй «Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм» (Иудӕ 21).