Дӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын?
1. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
1 Чырысти куы федта, Хуыцауы Паддзахады хорз хабармӕ бирӕтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Хуымгӕрдӕны кӕронмӕ «цалдӕр сахаты» йеддӕмӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ ацы куыстыл ӕппындӕр фӕстиат кӕнӕн нӕй. Уӕдӕ нӕ хъӕуы скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, нӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын куыд у, ууыл (Иоан. 14:13, 14).
2. Фылдӕр кусджытӕ кӕй хъӕуы, уымӕ иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй ракастысты?
2 Фылдӕр куыд хъусын кӕнӕм? Йегъовӕйы разамынд ӕмӕ ’ххуысы фӕрцы бирӕтӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын (Пс. 26:2, 3; Фил. 4:6). Иуӕй-иутӕ бацархайдтой, цӕмӕй афӕдз иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кодтаиккой. Уый сын хорз фадат уыди фылдӕр лӕггад кӕнынӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын бирӕты зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын (Ап. хъ. 20:35).
3. Кӕд раздӕр пионерӕй лӕггад кодтай, уӕд цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн?
3 Дӕ бон у ногӕй пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕд раздӕр пионерӕй лӕггад кодтай, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕхсызгон вӕййы уыцы рӕстӕгыл хъуыды кӕнын. Никуы куывтай Хуыцаумӕ, цӕмӕй та ногӕй райдайай лӕггад кӕнын? Чи зоны, цӕй тыххӕй нал лӕггад кӕныс, уыдӕттӕ дӕ нал къуылымпы кӕнынц ӕмӕ ныр дӕ бон у ацы кадджын куыст ногӕй кӕнын (1 Иоан. 5:14, 15).
4. Не ’ппӕтӕн дӕр цавӕр диссаджы фадат ис?
4 Хуымгӕрдӕны куысты нын ныронг бирӕ бантыст ӕмӕ тагъд фӕуыдзӕн (Иоан. 4:35, 36). Не ’ппӕт дӕр ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон цы у фӕивын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнӕм. Кӕд дӕ бон нӕу фылдӕр хъусын кӕнын, уӕд ахъуыды кӕн, цы ис саразӕн, цӕмӕй уацамынды ноджы арӕхстджындӕр уай (Марчы 12:41–44). Йӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын кӕмӕн у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр диссаджы фадат ис, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕной (Пс. 110:3).