Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/09 1 ф.
  • Цавӕр дзуапп раттис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цавӕр дзуапп раттис?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕмӕн цы зӕгъын хъӕуы, уый зон
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Фӕзмут ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Фарстытӕ дӕттынмӕ арӕхс
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фарстатӕ дӕттынмӕ арӕхсӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 9/09 1 ф.

Цавӕр дзуапп раттис?

1. Фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ Йесойы цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм?

1 Йесо Чырысти адӕмӕн сӕ фарстатӕн дзуапп афтӕ арӕхстджынӕй лӕвӕрдта, ӕмӕ-иу сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Махмӕ дӕр уацамынды алыхуызон фарстатӕ куы фӕдӕттынц, уӕд сын нӕ бон вӕййы Йесойау дзуапп дӕттын (1 Пет. 2:21).

2. Хорз дзуапп дӕттынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

2 Лӕмбынӕг уал байхъусӕм. Чырысти уал-иу хъуыды кодта, адӕймаг ӕм фарста цӕмӕн радта, ууыл. Уый тыххӕй иуӕй-иу хатт мах дӕр бахъӕуы фарста раттын, цӕмӕй базонӕм, адӕймаг цӕуыл хъуыды кӕны, уый. Зӕгъӕм дӕ чидӕр бафарста, Чырыстийыл ӕууӕндыс, зӕгъгӕ, уӕд дӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕрсы, ӕмӕ дис кӕны, Чырыстийы гуырӕнбон кӕй нӕ бӕрӕг кӕныс, ууыл. Адӕймаг дӕ цӕмӕн фӕрсы, уый куы бамбарай, уӕд йемӕ хуыздӕр аныхас кӕндзынӕ (Лук. 10:25–37).

3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийӕ раст дзуапп дӕттӕм?

3 Дзуапп дӕттӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Арӕхдӕр хуыздӕр вӕййы адӕймагӕн дзуапп Библийы равдисын (2 Тим. 3:16, 17; Дзут. 4:12). Раст дзуапп раттынӕн ма стыр ӕххуыс сты чиныг «Рассуждение» ӕмӕ Библийы Ног дунейы тӕлмацы цы уӕлӕмхасӕн ис, уый – «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн». Кӕд адӕймаг Библийыл не ’ууӕнды, уӕддӕр ын дӕ бон у уӕзданӕй бамбарын кӕнын, Библийы цы фыст ис, уый. Баразӕнгард ӕй кӕн, цӕмӕй йӕ хъус ӕрдара, цы арф зонд дзы ис, уымӕ – уымӕн ӕмӕ рӕстӕг равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый. Ӕмӕ уӕд Йесойау дӕ дзуаппытӕ уыдзысты «сызгъӕрин фӕткъуытау ӕвзист нывӕфтыдты мидӕг» – уӕздан, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ пайда (Ӕмб. 25:11).

4. Фарстатӕн дзуапп дӕттын кӕд нӕ фӕхъӕуы?

4 Алы фарстайӕн дӕр дзуапп дӕттын хъӕуы? Кӕд фарстайӕн дзуапп нӕ зоныс, уӕд ма ’фсӕрмы кӕн ӕмӕ зӕгъ: «Дӕ фарстайӕн дын дзуапп нӕ зонын. Фӕлӕ мӕ бон у дзуапп бацагурын ӕмӕ дын ӕй иннӕ хатт зӕгъдзынӕн». Адӕймаг куы фена, сӕрныллӕг кӕй дӕ ӕмӕ йыл кӕй тыхсыс, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда демӕ иннӕ хатт дӕр аныхас кӕнын. Фӕлӕ куы уынай, адӕймаг дӕм фарста уый тыххӕй дӕтты, цӕмӕй хыл кӕнын райдайа, уӕд Чырыстийау ды дӕр дӕ ныхас фӕу (Лук. 20:1–8). Кӕд адӕймаджы рӕстдзинад зонын нӕ фӕнды, фӕлӕ йӕ фӕнды демӕ быцӕу кӕнын, уӕд дӕ ныхас уазданӕй фӕу ӕмӕ дарддӕр агур, зӕрдиагӕй дӕм чи байхъусдзӕн, ахӕм адӕмы (Матф. 7:6).

5. Фарстатӕн дзуапп дӕттгӕйӕ нӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын?

5 Чырысти зыдта, куыд ахсджиаг у Йегъовӕйыл ныфс дарын, цӕмӕй ӕххӕст кодтаид, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый. Уӕд йӕ бон уыдаид «ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын», уымӕ та хауы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн дзуапп дӕттын (Иоан. 18:37). Махӕн дӕр ис диссаджы фадат Йесойау дзуапп дӕттын, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у, уыдонӕн»! (Ап. хъ. 13:48).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын