Журнал дӕтгӕйӕ цы зӕгъӕн ис
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг, апрель–июнь
«Абон бирӕтӕн зын у кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрын. Куыд хъуыды кӕныс, адӕм, Чырысти куыд цард, афтӕ цӕрыныл куы архайой, уӕд кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауиккой? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы цы фыст ис, уымӕ [Бакӕс 1 Петры 2:21.] Йесо Чырысти цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис мӕнӕ ацы статьяйӕ». Равдис ын, 26 фарсыл цы статья ис, уый.