Журнал дӕтгӕйӕ цы зӕгъӕн ис
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг, апрель–июнь
«Абон ныййарджытӕ архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ уой ӕгъдауджын ӕмӕ ’фсармджын. Куыд хъуыды кӕныс, уый ӕцӕгдӕр ахсджиаг у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи ныййарджытӕн уынаффӕ дӕтты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын райдайой сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. [Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:6.] Ацы статьяйы ныхас цӕуы, Чырысти йӕ ныййарджытӕн куыд коммӕгӕс уыд, уый тыххӕй, ӕмӕ ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты уыцы миниуӕгыл ахуыр кӕной». Равдис ын, 30 фарсыл цы статья ис, уый.