Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/10 2 ф.
  • Хуыцауӕн фаг лӕггад кӕнын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауӕн фаг лӕггад кӕнын?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕ дын дӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йегъовӕйы амындтӕ уӕнт дӕ зӕрдӕйы цин
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 7/10 2 ф.

Хуыцауӕн фаг лӕггад кӕнын?

1. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?

1 Мыййаг ды дӕр искуы афтӕ ахъуыды кодтай? Чи зоны дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, де ’нӕниздзинад фӕцудыдта, йе та дын ныр бинонты ’хсӕн фылдӕр хӕстӕ фӕзынд. Уый тыххӕй, раздӕр цас лӕггад кодтай, уыйас нал лӕггад кӕныс ӕмӕ дын уый дӕ ныфс сӕтты. Ӕртӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм хо фыссы, хатт йӕхи кӕй фӕаххосджын кӕны, фаг кӕй нӕ лӕггад кӕны, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр йӕ бинонтыл ацӕуынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

2. Йегъовӕ нын нӕ лӕггады тыххӕй цы хъуыды кӕны?

2 Йегъовӕ нӕ лӕггады тыххӕй цы хъуыды кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алкӕйдӕр фӕнды фылдӕр лӕггад кӕнын. Фӕлӕ нӕ фӕндгӕ цас кӕны ӕмӕ ӕцӕгдӕр нӕ бон цас у, уыдон иу не сты. Фылдӕр лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕхицӕй буц не стӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, лӕмӕгъ кӕй стӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ кӕй нӕ домы (Пс. 103:13, 14). Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ лӕггады тыххӕй цы хъуыды кӕны? Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый зӕрдиагӕй аразӕм (Кол. 3:23).

3. Хуыцауӕн фаг лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис?

3 Нӕ бон ӕцӕгдӕр цас у аразын, уый куыд базонӕн ис? Йегъовӕмӕ-иу скувӕм, цӕмӕй нын нӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн баххуыс кӕна (Пс. 26:2). Уыцы хъуыддаджы ма нын баххуыс кӕндзӕн, хорз нӕ чи зоны ӕмӕ нӕ цы фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, уый нын ӕргом чи зӕгъдзӕн, ахӕм фӕлтӕрд хо кӕнӕ ’фсымӕр (Ӕмб. 27:9). Зӕрдыл дарын ма хъӕуы уый дӕр, нӕ уавӕртӕ кӕй ивынц. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу сыл куы ахъуыды кӕниккам (Еф. 5:10).

4. Хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый нын арӕх нӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕнынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

4 Хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый нын арӕх нӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕнынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Спортсментӕ куыд фезгъорынц, уымӕ чи фӕкӕсы, уыдон арӕх цыдӕртӕ фӕхъӕр кӕнынц. Уый тыххӕй нӕ фӕхъӕр кӕнынц, цӕмӕй спортсментӕн сӕ ныфс асӕттой, фӕлӕ сӕ цӕмӕй ныфс бауадзой, ӕмӕ сӕ нысанмӕ бахӕццӕ уой. Ӕмбырды дӕр нӕ арӕх фӕразӕнгард кӕнынц ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнынмӕ, стӕй нӕ литературӕйы дӕр уый тыххӕй арӕх бакӕсӕм. Ӕмӕ уый нӕ пайдайӕн у. Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, нын уый нӕ зӕрдыл афтӕ арӕх уымӕн ӕрлӕууын кӕнынц, ӕмӕ цы аразӕм, уый фаг нӕу (2 Тим. 4:2). Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна: цалынмӕ, нӕ бон цы у, уый зӕрдиагӕй аразыныл архайӕм, уӕдмӕ нын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл дардзӕн «нӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстам, уый» ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн (Дзут. 6:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын