Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Хуыцауы нал хъӕуӕм?».
«Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауӕн райдиан уыди? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс-ма, Библи та уый фӕдыл цы зӕгъы [Бакӕс Псалом 90:1, 2.] Ацы статьяйы ныхас цӕуы, Хуыцауӕн райдиан дӕр ӕмӕ кӕрон дӕр кӕй нӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, раст, коммӕгӕс адӕмӕн ӕнусон цард кӕй ратдзӕн». Равдис ын статья 13-ӕм фарсыл.