Кувӕм ӕмӕ арф хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм
1. Чырыстийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй дзы йӕ сӕйраг хӕс ма ферох уыдаид?
1 Иу изӕр Чырысти бирӕ рынчынты ӕмӕ хӕйрӕджджынты сдзӕбӕх кодта. Райсомӕй та ацыд иу хибар ранмӕ. Уым ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ссардтой ӕмӕ йын загътой, иууылдӕр дӕу агурынц, зӕгъгӕ. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй ма ноджы исты диссӕгтӕ сарӕзтаид. Фӕлӕ сын Чырысти загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕввахс горӕттӕм, цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн». Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй дзы йӕ сӕйраг хӕс ма ферох уыдаид? Райсомӕй раджы сыстад, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид ӕмӕ ахъуыды кодтаид (Марчы 1:32–39). Мах дӕр куы кувӕм ӕмӕ арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм?
2. Цӕуыл у нӕ бон хъуыды кӕнын, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм?
2 Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? Чырысти уыдта, адӕм кӕй уыдысты «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Махӕн дӕр нӕ бон у хъуыды кӕнын, хорз хабар нырма цас адӕмы хъӕуы, ууыл. Ӕдзух-иу нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад (1 Кор. 7:29). Хъуыды-иу кӕнӕм Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл ӕмӕ миниуджытыл, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый цӕй стыр кад у, ууыл, стӕй, мах Хуыцауы Ныхасӕй кӕй базыдтам ӕмӕ адӕм кӕй нӕма зонынц, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтыл (Пс. 77:11–13; Ис. 43:10–12; Матф. 13:52).
3. Кӕд вӕййы арф хъуыды кӕнӕн?
3 Кӕд у нӕ бон хъуыды кӕнын? Иуӕй-иутӕ Йесо Чырыстийау сыстынц райсомӕй раджы, нырма сабыр куы вӕййы, уӕд. Иннӕты зӕрдӕмӕ та цӕуы арф хъуыды кӕнын изӕрӕй, цалынмӕ не ’схуыссынц, уӕдмӕ (Райд. 24:63). Ӕппындӕр нӕ куы не ’вдӕла, уӕд дӕр нӕ бон у ссарын рӕстӕг хъуыды кӕнынӕн. Зӕгъӕм, чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, транспорты куы фӕцӕуынц, уӕд. Иннӕтӕ та уарзынц арф хъуыды кӕнын сихоры рӕстӕг. Бирӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, уацамынды размӕ иу гыццыл дӕр куы ахъуыды кӕнынц, уӕд сын уый кӕй баххуыс кӕны, цӕмӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ ноджы ныфсджындӕрӕй хъусын кӕной.
4. Цӕмӕн хъӕуы арф хъуыды кӕнын?
4 Куы кувӕм ӕмӕ арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕй ахсджиагдӕр нын нӕ царды ницы уыдзӕн ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕндзӕн адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Хуыцауы ӕппӕты зындгонддӕр лӕггадгӕнӕгӕн, Йесо Чырыстийӕн, тынг ӕххуыс кодта, арф кӕй хъуыды кодта, уый ӕмӕ уый ӕххуыс кӕндзӕн махӕн дӕр.