Хорз ахуыргӕнӕджы сӕйрагдӕр миниуӕг
1. Хорз ахуыргӕнӕджы сӕйрагдӕр миниуӕг цавӕр у?
1 Адӕймагмӕ сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕг хъуамӕ уа, цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уа ӕмӕ Библи хорз амона? Мыййаг, хъуамӕ уӕлдӕр ахуырад райса, исты фӕлтӕрддзинад кӕнӕ йӕм курдиӕттӕ уа? Уыцы миниуӕг Моисейы закъонӕн йӕ хъуыды у. Уымӕй хицӕн кӕнынц Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый у Йегъовӕйы сӕйрагдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр миниуӕг (Иоан. 13:35; Гал. 5:14; 1 Иоан. 4:8). Уыцы миниуӕг у уарзондзинад. Хорз ахуыргӕнӕгӕн йӕ алы фезмӕлд дӕр ӕмӕ йӕ алы ныхас дӕр дзурӕг вӕййынц уарзондзинадыл.
2. Адӕмы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
2 Адӕмы уарзӕм. Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти адӕмы бирӕ уарзта, уымӕ гӕсгӕ йын адӕм йӕ ныхӕстӕм зӕрдиагӕй хъуыстой (Лук. 5:12, 13; Иоан. 13:1; 15:13). Мах дӕр адӕмы куы уарзӕм, уӕд алы уавӕрӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй сын хорз хабар дзурӕм. Куы нӕ ӕфхӕрой ӕмӕ нӕм куы нӕ хъусой, уӕддӕр нӕ нӕ бакъуылымпы кӕндзысты. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ, цӕуыл тыхсынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныхас араздзыстӕм. Рӕстӕг ардзыстӕм, цӕмӕй адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уыцы ахуырмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм.
3. Рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый нын уацамынды куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
3 Рӕстдзинад уарзӕм. Чырысти уарзта рӕстдзинад ӕмӕ йӕ хӕзнайыл нымадта (Матф. 13:52). Мах дӕр рӕстдзинад куы уарзӕм, уӕд адӕмимӕ зӕрдиагӕй дзурдзыстӕм ӕмӕ нӕм ноджы хуыздӕр хъусдзысты. Уыцы уарзондзинады фӕрцы фылдӕр хъуыды кӕндзыстӕм, нӕ бон цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ хорз хабар ӕнӕмӕнгӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, ууыл. Ӕмӕ уӕд уацамынды къаддӕр тыхсдзыстӕм.
4. Нӕ бон куыд у адӕмы уарзыныл ахуыр кӕнын?
4 Адӕмы уарзыныл ахуыр кӕнӕм. Нӕ бон куыд у адӕмы уарзыныл ахуыр кӕнын? Уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт адӕмы куыд уарзынц, афтӕ сӕ уарзӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, нӕ территорийы адӕм Хуыцауӕй дард кӕй сты (Мар. 6:34; 1 Иоан. 4:10, 11). Ӕдзух Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ цы базонӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Уарзондзинад у, сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймаджы удыхъӕды цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Нӕ бон у Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕна (Лук. 11:13; 1 Иоан. 5:14). Цыфӕнды ахуырад, фӕлтӕрддзинад кӕнӕ нӕм курдиӕттӕ ма уа, уӕддӕр Библи хуыздӕр амондзыстӕм, адӕмы куы уарзӕм, уӕд.