«Свидетели Иеговы: вера в действии, часть 1. Из тьмы»
Библи рухс бӕтты рӕстдзинадимӕ, талынг та мӕнгдзинадимӕ (Пс. 43:3; Ис. 5:20). Сайтан Евӕйыл сайдӕй куы рацыд, уӕд ацы дуне талынджы аныгуылд, ӕмӕ уый фыдӕй адӕм дӕр сты саудалынджы (Рарг. 12:9). Кинонывы «Свидетели Иеговы: вера в действии, часть 1. Из тьмы» ӕвдыст ис, рӕстдзинады рухс ацы талынг дунейы ирдӕй-ирддӕр куыд кодта, уый (Ис. 60:1, 2). Кинонывмӕ куы бакӕсай, уӕд дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?
1) Апостолты мӕлӕты фӕстӕ ацы дуне гыццылгай саудалынджы куыд аныгуылд? 2) 12 ӕнусы райдианты адӕм цӕй фӕрцы бамбӕрстой, аргъуантӕ рӕстдзинад кӕй нӕ амонынц, уый? 3) Генри Гру ӕмӕ Джордж Сторрз чи уыдысты? 4) Чарлз Расселлӕн йӕ цард цӕхгӕр цы фӕивта? 5) Чарлз Рассел, йӕ фыд ӕмӕ сӕ зонгӕтӕ Библи иумӕ куыд иртӕстой ӕмӕ цавӕр хатдзӕгтӕм ӕрцыдысты? 6) Уыцы къорд Нельсон Барборы къордмӕ куыд ӕрбаиу, фӕлӕ дзы уый фӕстӕ Рассел цӕмӕн рахицӕн? 7) 1879 азы июлы мӕйы рӕстдзинады рухс та ногӕй ирдӕй-ирддӕр кӕнын куы райдыдта, уӕд цы ’рцыд? 8) Библииртасджыты стыр къорд цы арӕзта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой? 9) Библииртасджытӕ 1914 азы цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты? 10) Рассел куы амард, уӕд Библииртасджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты? 11) Ӕфсымӕр Рутерфорды ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд Библииртасджытӕ цы хъуыддагмӕ бавнӕлдтой? 12) Ацы кинонывы фӕрцы Йегъовӕйы организацийӕн фылдӕр аргъ кӕнын куыд райдыдтай? 13) Ацы киноныв дӕ фылдӕр ныфс куыд бауагъта, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнай? 14) Ацы кинонывы фӕрцы нӕ бон куыд у нӕ хиуӕттӕн, нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнын?
Рагон Библииртасджытӕ нын диссаджы бынтӕ ныууагътой! Уыдон ацы саудалынг дунейы адӕммӕ хъӕбатырӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хастой рӕстдзинады рухс. Цӕй уӕдӕ сӕ мах дӕр фӕзмӕм ӕмӕ «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм» (Еф. 5:8).