Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Иоил
1. Нӕ бон куыд у Иоилау сӕрныллӕгӕй хъусын кӕнын?
1 Пехуымпар Иоил чи уыди? Зонӕм ӕрмӕст уый, ӕмӕ «Вафуилы фырт» уыд (Иоил 1:1). Ацы сӕрныллӕг пехуымпар адӕмы ’ргом йӕхимӕ не здӕхта, фӕлӕ Йегъовӕйы хабармӕ. Мах дӕр хъусынгӕнгӕйӕ адӕмы ’ргом нӕхимӕ не здахӕм, фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ Библимӕ (1 Кор. 9:16; 2 Кор. 3:5). Стӕй ма, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый нын нӕхи дӕр фидар кӕны. Иоилы пехуымпар-ныхӕстӕй нын кӕцытӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ фидар ныфс уа?
2. Йегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
2 «Йегъовӕйы бон хӕстӕг у!» (Иоил 1:15). Ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты бирӕ ӕнусты размӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕджы фӕстаг хатт сӕххӕст уыдзысты. Царды уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, нӕ участокты адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕй кӕсынц ӕмӕ ныл кӕй худынц, уымӕй бӕрӕг у, ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты (2 Тим. 3:1–5; 2 Пет. 3:3, 4). Мах ӕй зонӕм, кӕрон тынг ӕввахс кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм (2 Пет. 3:11, 12).
3. Стыр бӕллӕх ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны хъуыддаг уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?
3 «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕн се ’мбӕхсӕн» (Иоил 3:16). Ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «арв ӕмӕ зӕхх базмӕлдзысты», сӕххӕст уыдзысты, стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ ацы дунейыл йӕ тӕрхон куы ӕххӕст кӕна, уӕд. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уый нын удӕнцойы хос у (Рарг. 7:9, 14). Зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, стӕй ныл Йегъовӕ кӕй тыхсы ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ кӕй ӕфтауы, уый фӕрцы нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ чи бахъӕудзӕн, уыцы миниуджытӕ – уырнындзинад ӕмӕ фӕразондзинад.
4. Нӕ зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ райа ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?
4 Чидӕртӕ Иоилы пехуымпарад нымайынц ӕвзӕр хабӕртты чиныгыл, фӕлӕ дзы ис, Хуыцауы адӕмӕн ирвӕзындзинады ныфс чи дӕтты, ахӕм хабар дӕр (Иоил 2:32). Цӕй уӕдӕ, фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Иоилы 2:23 фыст ныхӕстӕ: «Уӕ зӕрдӕ райӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе стыр цин уӕд».