Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Августы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Алы адӕймаг дӕр кӕддӕр Хуыцаумӕ скувы. Суанг, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон дӕр, куы фӕтыхсынц, уӕд ӕм скувынц. Цымӕ Хуыцау алкӕй куывд дӕр хъусы?» [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Равдис ын брошюрӕйы «Порнографийы ӕцӕг цӕсгом» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Фиппаинаг: ацы равдыст хъӕудзӕн равдисын, 3 августы цы уацамындон фембӕлд уыдзӕн, уым.
Брошюрӕ «Порнографийы ӕцӕг цӕсгом».
«Абон порнографи ӕгас дунейы дӕр тынг апарахат. Уый бирӕты мӕты ӕфтауы. Фӕлӕ кӕмӕдӕрты та афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый ницы зиан хӕссы. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр хъуыддаг хорз у ӕви нӕ, уый базонӕн ис, цы дыргътӕ хӕссы, кӕнӕ цӕмӕ ӕркӕны, уымӕй. [Бакӕс Матфейы 7:17.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, порнографи цӕмӕ ӕркӕны, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы хорз уынаффӕтӕ ис, цӕмӕй адӕймаг порнографимӕ мауал кӕса».