Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Оси
1. Чи зоны-иу цавӕр фарстайыл хъуыды кодтай?
1 «Цымӕ Йегъовӕйы тыххӕй мӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнин?» Чи зоны-иу ацы фарста дӕхимӕ радтай, Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл-иу куы хъуыды кодтай, уӕд (Пс. 103:2–4; 116:12). Оси сӕххӕст кодта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый, кӕд ын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр. Нӕ бон куыд у Осийы фӕзмын?
2. Нӕ бон куыд у Осийау иузӕрдионӕй хъусын кӕнын?
2 Зын рӕстӕг хъусын кӕнӕм. Оси сӕйраджыдӕр хъусын кодта Израилы дӕсмыггаг паддзахадӕн. Уым раст дин тынг мӕгуыр уавӕры уыд. Паддзах Йеровоам II арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Йеровоам I цы мӕнг дин ӕрфидар кодта, уый дӕр ууыл хӕцыд ӕмӕ родтӕн куывта (2 Пад. 14:23, 24). Сӕ фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон дӕр Йегъовӕйӕ дардӕй-дарддӕр кодтой, цалынмӕ н. э. размӕ 740 азы дӕсмыггаг паддзахадӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Мӕнг дин тынг парахат уыди, фӕлӕ Оси пехуымпарӕй иузӕрдионӕй лӕггад кодта 59 азы бӕрц. Цымӕ мах дӕр азӕй-азмӕ афтӕ иузӕрдионӕй хъусын кӕнӕм, кӕд нӕм нӕ фӕхъусынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр? (2 Тим. 4:2).
3. Осийы цардӕй куыд зыны, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый?
3 Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл хъуыды кӕнӕм. Йегъовӕ Осийӕн загъта, цӕмӕй ракуырдтаид, фӕстӕдӕр хӕтын чи хъуамӕ райдыдтаид, ахӕм сылгоймаджы (Оси 1:2). Йӕ ус Гомер ын лӕппу ныййардта. Фӕлӕ йын фӕстӕдӕр, кӕимӕ хӕтыд, уымӕй дыууӕ сывӕллоны райгуырд. Оси йӕ бинойнагӕн кӕй хатыр кодта, уымӕй бӕрӕг уыд, хивӕнд израилӕгтӕ-иу куы ӕрфӕсмон кодтой, уӕд-иу сӕм Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыд, уый (Оси 3:1; Ром. 9:22–26). Цӕмӕй алыхуызон адӕм Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй базоной, уый тыххӕй нӕхи нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ фӕкӕнӕм? (1 Кор. 9:19–23).
4. Йегъовӕйы тыххӕй нӕхи цӕмӕй фӕцух кӕниккам?
4 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ӕхцаджын куыст ныууагътой, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг лӕггад кодтаиккой. Чидӕртӕ та бинонтӕ не скодтой кӕнӕ цот нӕ рауагътой, цӕмӕй сын Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты уа. Осийы цардыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, зӕгъӕм: «Мӕнӕн мӕ бон афтӕ нӕ бауыдаид». Фӕлӕ Йегъовӕйы стыр хорзӕхӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг тыхыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нӕ спайда кӕндзӕн, Осийау хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм хъуыддӕгты (Матф. 19:26; Фил. 2:13).