Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Аввакум
1. Аввакумы бамбарын нын зын цӕуылнӕ у?
1 Абон мах цӕрӕм, фыддзинад тынг кӕм апарахат, ахӕм дунейы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, махмӕ дӕр фӕзына, Аввакуммӕ чи уыд, ахӕм хъуыдытӕ. Уый Йегъовӕйы бафарста: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз?» (Ав. 1:3; 2 Тим. 3:1, 13). Аввакум цы хабар хъусын кодта ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыд, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы тӕрхоны бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фидар лӕудзыстӕм (2 Пет. 3:7).
2. Иузӕрдионӕй кӕй цӕрӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?
2 Иузӕрдионӕй цӕрӕм. Кӕд Аввакум зын уавӕрты уыд, уӕддӕр йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын нӕ райдыдта, фӕлӕ уыди къӕрцхъус ӕмӕ Хуыцауӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кодта (Ав. 2:1). Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ ныхас йӕ афоныл кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕг... цӕрдзӕн, иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы» (Ав. 2:2–4). Фӕстаг бонтӕн сӕ тӕккӕ кӕрон чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕн ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Ацы дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый зонын афтӕ ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Уырнындзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм ӕмӕ нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Дзут. 10:38, 39).
3. Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
3 Йегъовӕ не стыр цин уӕд. Магогы зӕххӕй Гог Йегъовӕйы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн (Йез. 38:2, 10–12). Хӕст алкӕмӕн дӕр хӕссы зиан, ӕппынфӕстаг чи фӕуӕлахиз вӕййы, суанг уыдонӕн дӕр. Чи зоны, хӕринаг мауал фаг кӕна. Чи зоны, адӕм сӕ мулк, сӕ фӕллой фесафой ӕмӕ сӕ царды уавӕртӕ дӕр фӕфыддӕр уой. Ахӕм зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Аввакум ӕмбӕрста, зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзӕн, фӕлӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйӕн цыфӕндыйӕ дӕр цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн (Ав. 3:16–19). «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый» нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм разӕй цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны фидар фӕлӕууӕм (Неем. 8:10; Дзут. 12:2).
4. Абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр цӕуыл цин кӕндзыстӕм?
4 Йегъовӕ йӕ тӕрхоны бон кӕй фервӕзын кӕна, уыдоны ног дунейы дӕр ахуыр кӕндзӕн, цӕрын куыд хъӕуы, ууыл (Ав. 2:14). Чи райгас уа, уыдон дӕр Йегъовӕйы тыххӕй базондзысты. Цӕй уӕдӕ абон дӕр алы фадатӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм! (Пс. 34:1; 71:17).