ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 79–86
Дӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр чи у?
83-ӕм псалом, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста Асафы байзӕддӕгтӕй иу, уый цард паддзах Давиды заман. Ацы псалом фыст ӕрцыд, Йегъовӕйы адӕмӕн се знӕгтӕй тӕссаг куы уыд, уыцы рӕстӕг.
Псаломзарӕггӕнӕджы куывдӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕхи удыл нӕ мӕт кодта, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс уыдаид ӕмӕ, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид
Абон дӕр знӕгтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ цӕуынц. Фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд Йегъовӕйы ном скадджын кӕнӕм
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм
Хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕ нӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй у