ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 102–105
Йегъовӕйӕ рох нӕу, сыджыт кӕй стӕм, уый
Давид цалдӕр абарсты фӕрцы равдыста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый.
Стъалытӕм кӕсгӕйӕ нӕ зонд нӕ фӕахсы, зӕххӕй куыд тынг дард сты, уый; раст афтӕ нӕ зонд нӕ ахсы, Хуыцауы ӕнувыд уарзт куыд тыхджын у, уый дӕр
Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ ахӕссы, хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ дард
Сывӕллон йӕхи куы ныццӕвы, уӕд ын йӕ фыд куыд фӕтӕригъӕд кӕны, афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Йегъовӕ дӕр, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ «зӕрдӕсаст» чи вӕййы, уыдонмӕ