Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb16 сентябрь 3 ф.
  • «Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрут»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйы ныхасыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Хуыцауы ныхас дӕ къахвӕдӕн рухс кӕнӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • «Куыд уарзын ӕз дӕ закъон!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Псалом 37:4. «Йегъовӕ уӕд де стыр цин»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
mwb16 сентябрь 3 ф.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМ 119

«Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрут»

Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрын нысан кӕны Хуыцауы разамындмӕ ӕнӕзивӕгӕй хъусын. Псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ чи цард ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, Библийы бирӕ ахӕм адӕймӕгты кой ис.

Псаломзарӕггӕнӕг лӕдзӕгимӕ фӕцӕуы

Ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм, Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд

119:1–8

Йесо Навин тыхтон кӕсы

Йесо Навины цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы разамынд ӕппӕты хуыздӕрыл кӕй нымадта. Йесо Навин зыдта, цӕмӕй ӕцӕг амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ ӕууӕнда

Хуыцауы Ныхасмӕ куы хъусӕм, уӕд цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн

119:33–40

Йереми кувы

Йереми-иу цыфӕнды зын уавӕры дӕр хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ-иу йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Йереми кодта хуымӕтӕг цард ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта

Хуыцауы Ныхас хорз кӕй зонӕм, уый фӕрцы адӕмӕн уӕндонӕй хъусын кӕнӕм

119:41–48

Павел ромаг хицау Феликсӕн хъусын кӕны

Павел хорз хабар хъусын кӕнын нӕ тарст. Ромаг хицау Феликсӕн куы хъусын кодта, уӕд йӕ ныфс дардта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл

Псаломзарӕггӕнӕг лӕдзӕгимӕ фӕцӕуы

Мӕ бон кӕд у ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнын?

  • Скъолайы

  • Куысты

  • Бинонтӕн

  • Иннӕтӕн

119 псалом куыд фыст у, уый хуыйны акростих, ома рӕнхъыты фыццаг дамгъӕтӕ фӕд-фӕдыл фыст вӕййынц алфавитмӕ гӕсгӕ. Афтӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн ныффыстой, цӕмӕй ӕнцондӕр бахъуыды кӕнӕн уыдаид. Дзуттаг ӕвзагыл ацы псаломы ис 22 строфайы ӕмӕ дзы алы строфайы дӕр ис 8 стихы. Строфатӕй алкӕцыйы дӕр стихтӕ райдайынц дзуттаг алфавитӕй уыцы иу дамгъӕйӕ, зӕгъӕм, фыццаг строфайы стихтӕ райдайынц алфавиты фыццаг дамгъӕйӕ, дыккаг строфайы – дыккаг дамгъӕйӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Библийы ацы псаломӕй даргъдӕр нӕй – ис дзы 176 стихы, уымӕн ӕмӕ дзуттаг алфавиты ис 22 дамгъӕйы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын