ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИСАЙ 11–16
Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй
Ацы пехуымпарад израилӕгтыл куыд сӕххӕст
Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы здӕхтысты, уӕд дӕр, стӕй Иерусалим ногӕй куы цалцӕг кодтой, уӕд дӕр сӕ хъӕддаг сырдтӕй кӕнӕ фыдгӕнджытӕй тӕрсын нӕ хъуыд (Езд 8:21, 22)
Ацы пехуымпарад абон махмӕ куыд хауы
Адӕймаг Йегъовӕйы куы базоны, уӕд йӕ удыхъӕд аивы. Раздӕр ӕгъатыр чи уыд, уый ныр у фарнуарзаг адӕймаг. Йегъовӕйы кӕй зонӕм, уый фӕрцы зӕххыл ис «дзӕнӕт»
Ацы пехуымпарад фидӕны куыд сӕххӕст уыдзӕн
Хуыцауы райдианы куыд фӕндыд, афтӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн, адӕм ӕдасӕй ӕмӕ фӕрнӕй кӕм цӕрдзысты, ахӕм дзӕнӕт. Уым тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн нӕдӕр адӕмӕн, нӕдӕр сырдтӕн