Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 3 7 ф.
  • Хуыцауы Ныхасы исты ивд ӕрцыд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Ныхасы исты ивд ӕрцыд?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КУЫД ИС БАЗОНӔН, ХУЫЦАУЫ НЫХАС ИВД КӔЙ НЕ ’РЦЫД?
  • Библийы исты ивд ӕрцыд?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Куыд ӕрцыд хъахъхъӕд ацы чиныг?
    Чиныг алкӕмӕндӕр
  • Фидарӕй дӕ уырнӕд, Хуыцауы Ныхас «ӕцӕгдзинад» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Библийы хабар аивын никӕмӕн бантыст
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 3 7 ф.
Уӕлейӕ: Мард денджызы тыхтӕттӕй иуыл скъуыддзаг Исайы чиныгӕй. Бынӕй: Исайы чиныджы нырыккон тӕлмац араббаг ӕвзагыл

Уӕлейӕ: Мард денджызы тыхтӕттӕй иуыл скъуыддзаг Исайы чиныгӕй. Бынӕй: Исайы чиныджы нырыккон тӕлмац араббаг ӕвзагыл. Ацы дыууӕ тексты кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ фенӕн ис, Хуыцауы Ныхас ивд кӕй не ’рцыд

Хуыцауы Ныхасы исты ивд ӕрцыд?

Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы цыдӕртӕ ивд ӕрцыд. Фӕлӕ пехуымпар Исай ныффыста, Хуыцауы Ныхас кӕй «уыдзӕн ӕнустӕм» (Исай 40:8). Куыд ис базонӕн, Хуыцау цы зӕрдӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдон ивд кӕй не ’рцыдысты?

Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ Ныхасы ивд мацы ӕрцыдаид ӕмӕ йӕ мачи сзыгъуыммӕ кодтаид. Пехуымпартӕ-иу Хуыцауӕн йӕ хъуыдытӕ фыстой, бирӕ чи нӕ лӕууы, ахӕм ӕрмӕгыл. Ӕмӕ цӕмӕй Сыгъдӕг Фыстады текст ма фесӕфтаид, уый тыххӕй йын чидӕртӕ кодтой къопитӕ, ӕмӕ уыцы куыст кодтой тынг лӕмбынӕг. Алы дамгъӕ дӕр-иу банымадтой, цӕмӕй-иу текстмӕ мацы бафтыдтаиккой, мацы дзы фӕивтаиккой кӕнӕ дзы мацы айстаиккой. Фӕлӕ адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй, къопитӕ чи кодта, уыдонӕй чидӕртӕ тексты гыццыл рӕдыдтытӕ скодтой.

КУЫД ИС БАЗОНӔН, ХУЫЦАУЫ НЫХАС ИВД КӔЙ НЕ ’РЦЫД?

Хуыцауы ныхӕстӕ фыст кӕм ӕрцыдысты, уыцы рагон къухфыстытӕн абон ис мингай къопитӕ. Уыцы къопиты исты рӕдыд ис ӕви нӕ, уый ӕнцонтӕй сбӕрӕг кӕнӕн ис алыхуызон къопитӕ кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ. (Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс статья «Библийы исты ивд ӕрцыд?» сайты jw.org.)

Уыцы рагон къухфыстытӕй иутӕ сты, Мард денджызы тыхтӕттӕ кӕй хонынц, уыдон. Уыцы тыхтӕттӕ ссардтой 1947 азы, Мард денджызмӕ хӕстӕг цы лӕгӕттӕ ис, уыдоны. Уыцы рагон къухфыстыты ис Сыгъдӕг Фыстады кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты 2 000 азӕй фылдӕры размӕ. Ахуыргӕндтӕ уыцы рагон къухфыстытӕ абарстой, ныртӕккӕ нӕм чи ис, уыцы Сыгъдӕг Фыстады текстимӕ. Ӕмӕ цы сбӕрӕг кодтой?

Ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, Сыгъдӕг Фыстады текст ӕппындӕр кӕй нӕ хицӕн кӕны рагон къухфыстыты текстӕй. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, Хуыцау кӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Ныхас ивд ӕрцыдаид.

Уӕдӕ Сыгъдӕг Фыстад кӕсгӕйӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау нын цы зӕгъинаг уыд, растдӕр дзы уый кӕй ис фыст. Ныр та ӕркӕсӕм, нӕ бон цы у Хуыцауы тыххӕй базонын, йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой, уымӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын