Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 3 4–5 фф.
  • Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг ныл тыхсы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг ныл тыхсы
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1. ХУР – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВАР
  • 2. КЪӔВДА – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВАР
  • 3. ХӔРИНАГ ӔМӔ УӔЛӔДАРӔС – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВӔРТТӔ
  • Агур Хуыцауы Паддзахад, мулк нӕ, фӕлӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 3 4–5 фф.
Хур хӕхты сӕрмӕ скаст

Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг ныл тыхсы

1. ХУР – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВАР

Ӕнӕ хурӕй зӕххыл цард нӕ уаид. Хуры фӕрцы бӕлӕстӕ сыфтӕр ӕмӕ дидинӕг рафтауынц, раттынц дыргъ ӕмӕ тауинаг. Хуры фӕрцы ма бӕлӕстӕ зӕххӕй дон цъирынц ӕмӕ дзы сӕ сыфтӕр ӕфсадынц, ӕмӕ стӕй уыцы дон уӕлдӕфы байсысы.

Уӕлейӕ кӕсгӕйӕ зыны, цайгӕрдӕг кӕм зайы, ахӕм плантаци хохы фахсыл

2. КЪӔВДА – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВАР

Къӕвда у Хуыцауы диссаджы лӕвар. Уый фӕрцы зӕхх тыллӕг ратты. Хуыцау нын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ кӕй дӕтты, уый фӕрцы нын ис хӕринаг, ӕмӕ нын афтӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады.

Маргъ бӕласы къалиуыл бады ӕмӕ, уӕлейӕ чи ӕрхауд, уыцы гага ӕрцахсынмӕ хъавы

3. ХӔРИНАГ ӔМӔ УӔЛӔДАРӔС – НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ ЛӔВӔРТТӔ

Бинонты хистӕртӕй бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, сӕ бинонты куыд фӕдарой, ууыл. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры, уымӕ: «Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» (Матфейы 6:25, 26).

«Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ... Фӕлӕ уын зӕгъын: паддзах Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи. Ӕмӕ кӕд Хуыцау... кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн?» (Матфейы 6:28–30).

Кӕд нӕ Хуыцау хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй цух нӕ уадзы, уӕд нӕ цух нӕ ныууадздзӕн, цардӕн ма нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй дӕр. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл куы архайӕм, уӕд нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ-иу, цы байтауӕм, уый тыллӕг ратдзӕн. Кӕнӕ та-иу нын баххуыс кӕндзӕн, къӕбӕры фаг ӕхца кӕм бакусӕм, ахӕм куыст ссарынӕн (Матфейы 6:32, 33).

Уӕдӕ хур, къӕвда, мӕргътӕ ӕмӕ дидинджытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы куыннӕ уарздзыстӕм. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуы, Хуыцау адӕмимӕ куыд ныхас кӕны, ууыл.

Не Сфӕлдисӕг «йӕ хур скӕсын кӕны... ӕмӕ къӕвда дӕр ратты» (МАТФЕЙЫ 5:45)

Не Сфӕлдисӕг нӕ тынг уарзы ӕмӕ ныл тыхсы. Уарзӕгой фыдау уый дӕр йӕ бинонты хорзыл хъуыды кӕны. Сыгъдӕг Фыстадӕй зыны, Хуыцау кӕй у рӕдау. Уый, «кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнӕм, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стӕм, уый» (Матфейы 6:8).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын