Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн Библи кӕсынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн
Ныхас райдайӕн куыд ис
ХЪУСЫН КӔН, ФАДАТ ДЫН КУЫ ФӔЗЫНА, УӔД
Фарста. Куыд хъуыд кӕныс, адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт уа, уый хорз у ӕви ӕвзӕр?
Стих. Ӕм 2:21, 22
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт куы уа, уӕд ын уый пайда хӕсдзӕн абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. Иннӕ хатт дын радзурдзынӕн, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕммӕ цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй.
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста. Цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
Стих. Рар 4:11
Рӕстдзинад. Цард Хуыцауы лӕвар кӕй у, уый тыххӕй йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Хъуамӕ нӕхи цард дӕр хъахъхъӕнӕм ӕмӕ искӕй цард дӕр ма байсӕм. Мах цард стыр лӕварыл нымайӕм.
ХЪУСЫН КӔН ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (ДОМОФОНӔЙ)
Исчи дӕ куы бафӕрса. Кӕцы динӕй дӕ?
Дзуапп. Ӕз цавӕрдӕр дины номӕй не ’рбацыдтӕн, фӕлӕ мӕхи фӕндӕй. Библийы цы ахсджиаг хъуыдытӕ бакӕсын, уыдон мӕ фӕфӕнды иннӕтӕн дӕр радзурын. Зӕгъӕм, искуы фехъуыстай ахӕм ныхас: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн»?
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.