НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндыс?
Йесо Навин ӕмӕ Соломон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны (ЙсН 23:14; 1Пд 8:56). Уыцы дыууӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы ныхӕстӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мах дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (2Кр 13:1; Тит 1:2).
Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Навины рӕстӕджы куыд сӕххӕст кодта? Дӕ бинонтимӕ бакӕс кинонывмӕ «Иу ныхас дӕр нӕ фӕмӕнг», стӕй аныхас кӕнут ахӕм фарстатыл: 1) Дӕ бон куыд у Раавау дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын? (Дзт 11:31; Иак 2:24–26). 2) Аханы цӕвиттонӕй куыд зыны, адӕймаг зонгӕ-зонын Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакӕсы, уӕд ыл бӕллӕх кӕй ӕрцӕуы? 3) Кӕд гаваойнӕгтӕ хӕстон лӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр Йесойы цӕмӕн асайдтой, ӕмӕ Израилимӕ цӕмӕн бафидыдтой ӕмӕ бадзырд цӕмӕн скодтой? 4) Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, фондз аморейаг паддзахы Израилы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд? (ЙсН 10:5–14). 5) Йегъовӕ дын куыд баххуыс кодта, йӕ Паддзахад ӕмӕ дын йӕ рӕстдзинад царды фыццаг бынаты кӕй сты, уый тыххӕй? (Мф 6:33).
Йегъовӕ цыдӕриддӕр сарӕзта, аразы ӕмӕ сараздзӕн, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Ро 8:31, 32).
Дӕ уырнындзинад Йесо Навины уырнындзинады хуызӕн фидар у?