Италийы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынц
Ныхас райдайӕн куыд ис
ФЫЦЦАГ БАЦЫД
Куыд дӕм кӕсы, адӕймаг ӕвзӕр дзыхӕй кӕй фӕдзуры, уым ӕвзӕрӕй исты ис?
Стих. Еф 4:29
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Библи чи фӕкӕсы, уыдон вӕййынц ӕгъдауджын. Уыдон ӕвзӕр дзыхӕй нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ хорз цӕуылдӕрты фӕныхас кӕнынц. Ӕмӕ сын Библи ӕрмӕст уыцы хъуыддаджы не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. [Кӕд гӕнӕн уа, уӕд ын равдис темӕимӕ баст видеоролик.]
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста. Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис?
Стих. 1Ин 5:19
Рӕстдзинад. Ацы дунейы хицау у Хӕйрӕг.
ДЫККАГ БАЦЫД (ПАРЧЫ)
Цы ис зӕгъӕн. Ӕхсызгон мын у, кӕй та фембӕлдыстӕм. Фехъуыстай йӕ, Уӕрӕсейы хицауад 2017 аз ӕрдз хъахъхъӕныны аз кӕй расидт? Куыд хъуыды кӕныс, адӕмӕн сӕ бон бауыдзӕн экологийы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын?
Стих. Рар 21:3, 4
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, цӕмӕй ахӕм стыр зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрцӕуа, уый тыххӕй уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй хъӕуы архайын, иу кӕцыдӕр бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ. Адӕмӕй уӕлдай Хуыцауы уый ӕрмӕст фӕндгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма уый йӕ бон саразын дӕр у. Хӕдӕгай, ӕрӕджы интернеты кастӕн Библийыл арӕзт статья, ӕмӕ дзы дзырд цыди, Хуыцау зӕххыл цы стыр ивындзинӕдтӕ скӕндзӕн, ууыл. [Кӕд гӕнӕн уа, уӕд адӕймагӕн уыцы статья ныууадз.]
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.