Хъусынгӕнджытӕ хъусын кӕнынц (Азербайджан)
Ныхас райдайӕн куыд ис
ФЫЦЦАГ БАЦЫД
Фарста. Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, сывӕллӕттӕн, стӕй хистӕртӕн дӕр, хатгай зын кӕй вӕййы, раст цы у, уый аразын. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын та адӕймаг ӕнцонтӕй райдайы. Афтӕ нӕу?
Стих. Еф 6:4
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Библийы ма ис, ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты раст зондыл аразынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ӕндӕр ахӕм уынаффӕтӕ дӕр. Нал дӕ фӕстиат кӕндзынӕн. Иннӕ хатт мӕ фӕнды демӕ цыбыртӕй аныхас кӕнын, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Библийы уагӕвӕрдтӕ цӕмӕн хъуамӕ амоной, ууыл.
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста. Хуыцау адӕймаджы цӕмӕн сфӕлдыста?
Стих. Пс 37:29
Рӕстдзинад. Хуыцау адӕмы сфӕлдыста, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм цӕрой.
ДЫККАГ БАЦЫД
Цы ис зӕгъӕн. Айразмӕ ныхас кодтам, сывӕллӕттӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, раст цы у, уый аразынӕн. Абон та мӕ фӕнды, цӕмӕй дын, сывӕллӕтты алыхуызон фыдбылызтӕй бахизӕн куыд ис, уый фӕдыл иу хъуыды равдисон.
Стих. Ӕм 14:15
Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Айразмӕ цӕуыл ныхас кодтам, уый фӕдыл дын иу статья бацагуырдтон. Фыст дзы ис, фыдыл дӕр ӕмӕ мадыл дӕр цавӕр хӕстӕ ис, уый. [Ратт ын статья «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут», hf 7 хай.] Дзырд ма дзы цӕуы, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, Библийӕ ӕндӕр ахӕм уынаффӕтыл дӕр.
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.