НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ – сӕрныллӕгдзинад
АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У:
Сӕрныллӕгдзинады фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм (Пс 138:6).
Сӕрныллӕгдзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм (Фп 2:3, 4).
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:
Уынаффӕ-иу ракур ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архай (Пс 141:5; Ӕм 19:20).
Иннӕтӕн балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ у – кадджын чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ араз (Мф 20:25–27).
Дӕ курдиӕттӕ ӕмӕ дӕ хӕсты тыххӕй ма ссӕрбӕрзонд у (Ро 12:3).
Мӕ бон куыд у сӕрныллӕгдзинад ноджы хуыздӕр ӕвдисын?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔХИ ХИЗУТ, УӔ ИУЗӔРДИОНДЗИНАДӔН ТӔССАГ ЦӔМӔЙДӔРИДДӔР У, УЫМӔЙ – СӔРБӔРЗОНДДЗИНАД» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:
Уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракӕсӕм, уымӕй куыд фӕзыны, цавӕр зондахаст нын ис?
Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кӕнӕм?
Цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын?