ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕЗЕКИЛ 46–48
Израил йӕ къахыл куы хъуамӕ слӕууыдаид, уӕд ӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ касти?
Йезекил кувӕндоны тыххӕй цы цӕстылуайӕн федта, уый, уацары чи уыд, уыцы израилӕгты бафидар кодта. Уый фӕрцы сӕ ныфс бацыд, сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый тыххӕй ма цы пехуымпарӕдтӕ уыди загъд, уыдон кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йегъовӕ кӕмӕн раарфӕ кодтаид, уыдоны царды раст дин ахсджиаг бынат бацахстаид.
Цӕстылуайӕн дзуттӕгты ныфс бауагъта, алцыдӕр сӕм уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй уыдзӕн, ӕмгуыст кӕй кӕндзысты ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты
Бӕркадджын зӕхх
Алы бинонтӕ дӕр зӕхх бынӕн райсдзысты
Цалынмӕ зӕхх адӕмыл нӕ адих кодтаиккой, уӕдмӕ уал ын йӕ кӕцыдӕр хай хъуамӕ Йегъовӕйӕн рахицӕн кодтаиккой
Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мын царды фыццаг бынаты кӕй ис? (w06 1/5 14, 15 фф., 13, 14 абз.)