НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Нӕ цардӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм!
Цард у зынаргъ лӕвар. Ӕмӕ уыцы лӕварӕн цас аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг вӕййы, алы бон дӕр куыд цӕрӕм, уымӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не Сфӕлдисӕджы нӕ курдиӕттӕй кадджын кӕнӕм (Пс 36:9; Рар 4:11). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ацы фыддунейы цӕргӕйӕ царды сагъӕстыл суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты мауал уой (Мч 4:18, 19). Хъуамӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый дӕттын? (Ос 14:2). Мӕ куыст мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ хъыгдары? Мӕ лӕггады мӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрын? Мӕ бон куыд у Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын?» Кӕд дӕ цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур ӕмӕ дӕ фӕивын цы хъӕуы, уый фӕив. Йегъовӕйӕн дӕ цардӕй кад хӕссай, ууыл алы бон дӕр куы архайай, уӕд зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын уыдзынӕ! (Пс 61:8).
Дӕ курдиӕттӕ кӕмӕн нывонд кӕныс?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ КУРДИӔТТӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ХӔСС» ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Дӕ курдиӕттӕ Хӕйрӕджы дунейӕн снывонд кӕнай, уый зондыл дзурӕг цӕуылнӕ уыдзӕн? (1Ин 2:17).
Адӕймаг Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый куы фӕдӕтты, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы?
Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ бон куыд у дӕ курдиӕттӕй пайда кӕнын?