Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 мартъи 8 ф.
  • Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕрухсы хос уӕд
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Библи афтӕ кӕс, цӕмӕй дын фылдӕр пайда хӕсса
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Кӕсынмӕ зивӕг ма кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 мартъи 8 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?

Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ нӕм абон Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый цыбыртӕй зӕгъӕн ис уыцы закъоны ӕппӕты сӕйрагдӕр дыууӕ фӕдзӕхсты ныхӕстӕй – уарз Хуыцауы ӕмӕ уарз адӕмы (Мф 22:37–39). Уыцы уарзондзинад йӕ мады гуыбынӕй ничи рахӕссы. Хъӕуы йӕ рӕзын кӕнын. Цымӕ куыд? Уымӕн иу ахсджиаг мадзал у Библи алы бон дӕр кӕсын. Библийы Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд фӕуынӕм «Йегъовӕйы рӕсугъддзинад» (Пс 27:4). Уый фӕрцы йӕ тынгдӕр фӕуарзӕм ӕмӕ фылдӕр райдайӕм, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕфӕнды Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, зӕгъӕм, иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзын (Ин 13:34, 35; 1Ин 5:3). Библи кӕсын нын ӕхсызгондӕр уыдзӕн ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы:

  • Цы фӕкӕсыс, уый-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма дӕхӕдӕг дӕр уым дӕ. Цы дзы уыныс? Цы дзы хъусыс? Дӕ фындзыл цавӕр тӕфтӕ уайы? Кӕй тыххӕй кӕсыс, уыдон, цымӕ, цӕуыл хъуыды кӕнынц?

    Ӕфсымӕр Библийы цы кӕсы, уый йӕ цӕстытыл уайын кӕны
  • Алыхуызӕтты йӕ кӕс. Дӕ бон у Библи хъӕрӕй кӕнӕ аудиозаписьмӕ хъусгӕйӕ кӕсын. Сӕртӕ фӕд-фӕдыл кӕсыны бӕсты дӕ бон у цавӕрдӕр адӕймаг кӕнӕ фарстайы тыххӕй бакӕсын. Зӕгъӕм, брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн» 4 ӕмӕ 16 хӕйттӕм гӕсгӕ дӕ бон у бакӕсын Йесойы тыххӕй. Йе та-иу бакӕс, боны стих кӕцӕй ист у, уыцы сӕр ӕнӕхъӕнӕй. Библийы чингуытӕ ма ис бакӕсӕн, чи сӕ кӕд ӕрцыд фыст, уымӕ гӕсгӕ дӕр.

    Хо нӕ сайты Библи кӕсы
  • Цы бакастӕ, уый бамбарыныл-иу бацархай. Афтӕ ма хъуыды кӕн, цас фылдӕр бакӕсон, уыйас хуыздӕр, зӕгъгӕ. Фӕлтау-иу алы бон дӕр иу сӕр уӕддӕр бакӕс, ахъуыды-иу ыл кӕн ӕмӕ-иу, цы бакастӕ, уый бамбарыныл бацархай. Базон-иу, цы хабӕртты тыххӕй бакастӕ, уыдон кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты, уый. Ахъуыды-иу кӕн лыстӕг хабӕрттыл дӕр. Ӕркӕс-иу, Библийы алы сыфыл дӕр астӕуӕй фӕлгӕты цы стихтӕ ис, уыдонмӕ, стӕй картӕтӕм. Цы нӕ бамбӕрстай, уыдӕттӕй-иу ӕппынкъаддӕр иу фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагур. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу, кӕсгӕ цас рӕстӕг кодтай, уыйбӕрц рӕстӕг рахицӕн кӕн ахъуыды кӕнынӕн дӕр.

    Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын