ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 9, 10
Чырысти йӕ фыстыл тыхсы
Фыййау йӕ фысты тыххӕй алцыдӕр фӕзоны, фыстӕ дӕр фӕзонынц сӕ фыййауы ӕмӕ йыл феууӕндынц. Чырысти хорз Фыййау у, ӕмӕ йӕ фыстӕй алкӕй тыххӕй алцы зоны. Зоны, сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу ӕмӕ цӕмӕй тыхсынц, уый. Фыстӕ дӕр ӕй хорз зонынц, ӕууӕндынц ыл ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуынц.
Чырысти хорз Фыййау кӕй у, уый куыд зыны...
йӕ фысты куыд ӕмбырд кӕны, уымӕй?
йӕ фыстӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕй?
йӕ фысты куыд хъахъхъӕны, уымӕй?
йӕ фысты куыд ӕфсады, уымӕй?