ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕФЕСӔГТӔМ 1–3
Йегъовӕ хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кодта
Йегъовӕ «хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар» кодта, цӕмӕй, уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чидӕриддӕр ис, уыдоны иу бинонтау баиу кӕна.
Хуыцау сӕрст чырыстӕтты цӕттӕ кӕны уӕлӕрвты цӕрынмӕ; уыдон архайдзысты Йесо Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ.
Хуыцау цӕттӕ кӕны, зӕххыл дзӕнӕты Мессийӕйы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы.
Йегъовӕйы организацийы цы иудзинад ис, уымӕн мӕ бон куыд у ахъаз кӕнын?