ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | КОЛОССӔГТӔМ 1–4
Зӕронд удыхъӕд ныууадзут ӕмӕ йӕ ногмӕ раивут
Рӕстдзинад куы базыдтай, уӕд дӕ удыхъӕды бирӕ цыдӕртӕ аивтай? Ахӕм ивындзинӕдтӕ кӕй скодтай, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд (Йез 33:11). Фӕлӕ хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй нӕм нӕ зӕронд удыхъӕды миниуджытӕ мауал фӕзыной ӕмӕ ног удыхъӕды миниуджытӕ ӕвдисӕм. Ацы фарстатӕн дзуапп ратт, цӕмӕй бамбарай, цы дӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын.
Исчи мӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ӕм мӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссын?
Тагъд куы фӕкӕнын кӕнӕ фӕллад куы вӕййын, уӕд дӕр мӕм фаг фӕразондзинад разыны?
Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд сӕ мӕ сӕрӕй уайтагъд фӕсурын?
Ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ ’взӕр цӕстӕй кӕсын?
Ӕрӕджы искӕй фӕхъыг кодтон кӕнӕ мӕ маст нӕ баурӕдтон?