ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 12, 13
Йегъовӕ зонд куы фӕамоны, уӕд уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы
Зонд амонын нысан кӕны раст кӕнын, уынаффӕ дӕттын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд бацамоны, афтӕ нын Йегъовӕ дӕр бацамоны зонд. Хуыцау нын зонд фӕамоны...
Библи куы фӕкӕсӕм, нӕхӕдӕг ӕй куы фӕахуыр кӕнӕм, лӕмбынӕг ыл куы фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм;
не ’мчырыстӕттӕй нын исчи уынаффӕ куы ратты кӕнӕ нӕ куы бараст кӕны;
нӕ рӕдыдтыты аххосӕй зындзинӕдтӕ куы февзарӕм;
куы нын бауайдзӕф кӕнынц йе та нӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц;
куы бауадзы, цӕмӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ бавзарӕм кӕнӕ цӕмӕй нӕ фӕдыл зилой (w15 15/9 21 ф., 13 абз.; it-U «Наставление»).