НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ уарзы сыгъдӕг адӕмы
Ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕтты сыгъдӕгдзинадыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын фӕдзурынц: «Дӕ къухтӕ ныхс. Дӕ къомнӕт бафснай. Пъол ныммӕрз. Бырӕттӕ ахӕсс». Фӕлӕ ӕппӕты фыццаг сыгъдӕгдзинады фӕдыл уагӕвӕрдтӕ радта нӕ сыгъдӕг Хуыцау (Рц 30:18–20; Д.з 23:14; 2Кр 7:1). Нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ дзаумӕттӕ дӕр сыгъдӕг кӕй вӕййынц, уымӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм (1Пт 1:14–16). Нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ кӕрт цы уавӕры сты? Фӕндӕгтыл ӕмӕ паркты бырӕттӕ чи калы, уыцы адӕмӕй уӕлдай чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй зӕхх сыгъдӕг уа (Пс 115:16; Рар 11:18). Сыгъдӕгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг вӕййы суанг гыццыл хъуыддӕгтӕй дӕр, зӕгъӕм, къаффетты цъӕрттӕ, лимонады банкӕтӕ кӕнӕ кӕй баууылдтам, уыцы чъиу кӕдӕм аппарӕм, уымӕй дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй «алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый» (2Кр 6:3, 4).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХУЫЦАУ УАРЗЫ СЫГЪДӔГ АДӔМЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Иуӕй-иутӕ сӕхи куыд фӕрӕстытӕ кӕнынц, сыгъдӕгдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый тыххӕй?
Йегъовӕ сыгъдӕгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый Моисейы закъонӕй куыд зыны?
Нӕ бон куыд у ӕнӕдзургӕйӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын?
Мӕ бон куыд у равдисын, сыгъдӕгдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсын?