Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb20 февраль 3 ф.
  • Нӕ зарджытӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ зарджытӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нӕ зарджыты фӕрцы Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм
    Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
  • Нӕ зарджытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Паддзахады зарджытӕ нӕ фидар кӕнынц
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
mwb20 февраль 3 ф.
Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрдзы хъӕбысы гитарӕйыл цӕгъдынц ӕмӕ зарынц

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Нӕ зарджытӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

Нӕ интернет-телеуынынады ӕдзухдӕр фӕзыны ног зарджытӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы кӕцытӕ цӕуынц? Цӕмӕн? Куыд хъуыды кӕныс, зарджытӕ кӕм вӕййынц, уыцы видеороликты ӕрвылбоны царды хабӕрттӕ ӕвдыст нӕ вӕййынц? Зарджытӕн сӕ музыкӕ ӕмӕ сӕ темӕтӕ алы ӕмӕ алыхуызон кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ алчидӕр ссардзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ дзы чи фӕцӕуа, ахӕм. Фӕлӕ уыцы зарджытӕ ӕмӕ нӕ музыкалон видеороликтӕ ӕрмӕст хи аирхӕфсынӕн не сты.

Алы зарӕг дӕр нӕ ахуыр кӕны, нӕ чырыстон царды ӕмӕ нын нӕ лӕггады чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл. Зарджытӕ сты, зӕгъӕм, уазӕгуарзондзинадыл, иудзинадыл, хӕлардзинадыл, хъӕбатырдзинадыл, уарзондзинадыл ӕмӕ уырнындзинадыл. Иннӕтӕ та сты, зӕгъӕм, адӕймаг Йегъовӕмӕ куыд ӕрбаздӕхы, иннӕтӕн куыд хатыр кӕны, алы бон дӕр иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисы ӕмӕ йӕ разы нысӕнттӕ куыд сӕвӕры, ууыл. Суанг ма ахӕм зарӕг дӕр ис, ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны телефонӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын. Нӕ зарджытӕй ма ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕныс?

БАКӔС, ЗАРӔГ КӔМ ИС, УЫЦЫ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЗӔНӔТ КЪӔСӔРЫЛ ИС» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус фидӕны арфӕдзинӕдтӕй кӕцытыл хъуыды кӕнынц? (Рд 12:3).

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн?

  • Тагъд рӕстӕджы дзӕнӕты цавӕр цины хабар ӕрцӕудзӕн?

  • Хуыцауы Паддзахад нын цы ныфс дӕтты, уый нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн? (Ро 8:25).

БИНОНТЫ АХУЫРЫ РӔСТӔГ ЦЫ ИС САРАЗӔН

Бакӕсут ацы видеороликтӕм ӕмӕ дзуапп раттут ацы дыууӕ фарстайӕн: ацы видеоролик нӕ цавӕр хъуыддӕгтыл ахуыр кӕны? Цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон куыд у архайын?

  • «Цы равзарон»

  • «Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм»

  • «Уазӕгуарзон у»

  • «Дӕ цӕстытыл ауайӕд уыцы цард»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын