НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хабӕрттӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ӕмӕ-иу фылдӕр базон
Библи куы фӕкӕсыс, уӕд-иу хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ӕмӕ-иу фылдӕр базон. Цы хабары тыххӕй кӕсай, уымӕн-иу йӕ контекстмӕ дӕр ӕркӕс, стӕй-иу фылдӕр базон, кӕй кой дзы цӕуы, уыцы адӕмы тыххӕй ӕмӕ, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн арӕзтаиккой, уый тыххӕй. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма дӕхӕдӕг дӕр уым фестадтӕ, ӕмӕ чи цы аразы, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, алы уынӕр дӕр хъусыс ӕмӕ алыхуызон тӕфтӕм смудыс. Ахъуыды кӕн, цы адӕмы кой дзы цӕуы, уыдонмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыдаид.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КУЫ КӔСАЙ, УӔД-ИУ ХАБӔРТТӔ ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ АУАЙЫН КӔН» (СКЪУЫДДЗАГ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ кӕрӕдзиимӕ, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй нӕ фидыдтой?
Цымӕ-иу Иосифы ӕфсымӕртӕ хатт хиуылхӕцындзинад цӕуылнӕ равдыстой ӕмӕ, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл цӕуылнӕ хъуыды кодтой?
Иосифы фыд Иаковы тыххӕй нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Искӕимӕ бафидауыны тыххӕй куыд хъӕуы архайын, уыцы хъуыддаджы Иаков йӕ фырттӕн фӕзминаг куыд уыд?
Ацы видеороликӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?