ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 4, 5
«Куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ»
Йегъовӕйы ӕххуысӕй Моисей фараонимӕ ныхас кӕнын нал тарст. Йегъовӕ Моисейӕн цы загъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Нӕ хъуыдытӕ ӕдзух ууыл хъуамӕ ма уой, ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддагмӕ нӕ сарӕхсдзыстӕм
Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ратдзӕн, цы нын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый
Хуыцауыл куы ӕууӕндӕм, уӕд адӕмӕй нал тӕрсдзыстӕм
Хъусын кӕнын мын зын куы вӕййы, уӕд мын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны?