Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb20 август 3 ф.
  • Фидар лӕуу, кӕрон хӕстӕг у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фидар лӕуу, кӕрон хӕстӕг у
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ – хъӕбатырдзинад
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Дӕ бон у, ӕмӕ хъӕбатыр уай
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • «Хъӕбатыр... у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Ратт мын хъӕбатырдзинад
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
mwb20 август 3 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Фидар лӕуу, кӕрон хӕстӕг у

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Тагъд райдайдзысты цӕуын тасӕфтауӕг хабӕрттӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд хъӕбатырдзинад ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын куыд хъӕудзӕн, афтӕ никуы. Стыр бӕллӕх райдайдзӕн, мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕй (Мф 24:21; Рар 17:16, 17). Уыцы змӕст рӕстӕг мах, ӕвӕццӕгӕн, хъусын кӕндзыстӕм карз хабар – тӕрхоны хабар (Рар 16:21). Стӕй нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог (Йез 38:10–12, 14–16). Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ архайын райдайдзӕн. Уӕд райдайдзӕн, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» (Рар 16:14, 16). Цӕмӕй уыцы хабӕртты рӕстӕг хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ абон дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг фидар лӕууӕм.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕр (Ис 5:20).

  • Дарддӕр дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕн (Дзт 10:24, 25).

  • Йегъовӕйы организаци нын цы разамынд дӕтты, уымӕ хъус (Дзт 13:17).

  • Йегъовӕ раджы заманты йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта, ууыл хъуыды кӕн (2Пт 2:9).

  • Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ дар (Пс 112:7, 8).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФИДӔНЫ ЧИ ’РЦӔУДЗӔН ӔМӔ ХЪӔБАТЫРДЗИНАД КӔМ БАХЪӔУДЗӔН, УЫЦЫ ХАБӔРТТӔ» (СКЪУЫДДЗАГ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Фидӕны чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕм бахъӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ». Хо хъусинаг бакаст, ӕмбырды цы ивындзинӕдтӕ ’рцыд, уыдоны фӕдыл, ӕмӕ йӕ уый мӕты бафтыдта

    Ӕмбырды ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд хъусынгӕнджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ иуӕй-иутӕн зын цӕмӕн уыд коммӕгӕсдзинад равдисын?

  • Къам видеороликӕй «Фидӕны чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕм бахъӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ». Уыцы хо иннӕ дыууӕ хоимӕ уыцы ивындзинӕдтыл ныхас кӕны

    Хъӕбатырдзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад куыд баст сты?

  • Къам видеороликӕй «Фидӕны чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕм бахъӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ». Ӕрыгон лӕппу, чиныджы «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», Армагедоны хӕст ӕвдыст кӕм ис, уыцы нывмӕ куы ӕркаст, уӕд стыхст

    Армагеддон куы райдайа, уӕд нӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕудзӕн?

  • Къам видеороликӕй «Фидӕны чи ’рцӕудзӕн ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕм бахъӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ». Иудӕйы паддзах Иосафат ӕмӕ йӕ адӕм хӕсты быдырмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ се знӕгты се ’ппӕты дӕр мардӕй ӕрбаййӕфтой

    Дӕ удыхъӕды хъӕбатырдзинад ныр фидар кӕн, цӕмӕй фидӕны хабӕрттӕм цӕттӕ уай

    Библийӕ нын цавӕр хабар баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мах фервӕзын кӕнын? (2Аз 20:1–24).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын