ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 15, 16
Йегъовӕйы кадджын кӕн зарджытӕй
Музыкӕ тынг бандавы адӕймаджы хъуыдытыл ӕмӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтыл. Зарджытӕ нӕ лӕггады тынг ахсджиаг сты – уыдоны фӕрцы Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм.
Моисей ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйы зарӕгӕй скадджын кодтой, Сырх денджызы раз сӕ диссаджы хуызы куы аирвӕзын кодта, уӕд.
Паддзах Давид 4 000 адӕймаджы равзӕрста, цӕмӕй Хуыцауы цатыры музыкалон инструменттӕй цагътаиккой ӕмӕ зарыдаиккой.
Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ иузӕрдион апостолтимӕ Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ азарыд.
Цавӕр фадӕттӕ мын вӕййы, цӕмӕй Йегъовӕйы зарджытӕй кадджын кӕнон?