ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 21, 22
Цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс
Йегъовӕйы цӕсты цард тынг зынаргъ у. Нӕ бон куыд у ӕвдисын, мах дӕр цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсӕм?
Архай, цӕмӕй иннӕты ноджы тынгдӕр уарзай ӕмӕ сӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсай (Мф 22:39; 1Ин 3:15).
Ахӕм уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдис – ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕн (1Кр 9:22, 23; 2Пт 3:9).
Ӕдасдзинад тынг ахсджиагыл кӕй нымайыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд (Ӕм 22:3).
Цардӕн куы аргъ кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тугныккалды аххосджын ма фӕуай?