ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 35, 36
Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ хъуыддаджы архайынӕн
Йегъовӕ Веселеил ӕмӕ Аголиавы йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй цатыр сарӕзтаиккой, куыд сын бацамыдта, афтӕ. Йегъовӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕны. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕна?
Хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы хъуыддаджы цӕмӕ арӕхсӕм, уыдӕттӕм ноджы хуыздӕр арӕхсӕм.
Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасӕм.
Цыфӕнды нын ма бахӕс кӕной, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕнӕм.
Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы дӕ бон цавӕр хъуыддӕгты уаид архайын?