НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Зиу ноябры – хъусын кӕндзыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Йесо «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» хъусын кодта (Лк 4:43). Стӕй ма адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй уыцы Паддзахады тыххӕй куывтаиккой (Мф 6:9, 10). Ноябры махӕн уыдзӕн зиу – хъусын кӕндзыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Мф 24:14). Дӕ хъуыддӕгтӕ-иу афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй-иу уыцы зиуы ӕппӕт хъарутӕй бацархайай. Уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн кӕнӕ 30 сахаты, кӕнӕ 50 сахаты балӕггад кӕнын.
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Библийы цы стихтӕ ис, уыдонӕй-иу искӕцы, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн бакӕс. Стих куы ’взарай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, уӕ территорийы адӕм цавӕр динтыл хӕст сты, уый. Фыццаг хатт кӕимӕ аныхас кӕнай, уый фылдӕр базонын куы бафӕнда, уӕд-иу ын ратт 2020 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2-аг номыр. Бацархай-иу, цӕмӕй-иу ӕм иннӕ хатт тагъддӕр ӕрбацӕуай ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцыйы фӕрцы. Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон куы скӕна, уымӕ бирӕ нал баззад (Дан 2:44; 1Кр 15:24, 25). Уӕдӕ-иу уыцы зиуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм!
Хуыцауы Паддзахад зӕххыл дзӕнӕт скӕндзӕн!