НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы»
Идӕдз ус мысайнагӕн цы ’хца ныппӕрста, уымӕй хуымӕтӕг хӕринаг балхӕнӕн дӕр нӕ уыд. (Кӕс w08-U 1/3 12.) Фӕлӕ йӕ мысайнагӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын тынг кӕй уарзта ӕмӕ уыцы фадатӕн кӕй аргъ кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ мысайнагӕн йӕ уӕларвон Фыды цӕсты уыди стыр аргъ (Мч 12:43).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙӔН НӔ ЛӔВАР» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Нӕ мысайнӕгтӕ цавӕр хъуыддӕгтыл хардз цӕуынц?
Мысайнагӕн цы ’хца раттӕм, уый нӕм кӕд гыццыл фӕкӕсы, уӕддӕр ын стыр аргъ цӕмӕн ис?
Кӕм цӕрӕм, уым мысайнӕгтӕ дӕттӕн куыд ис, уый нӕ бон кӕцӕй у базонын? (Кӕс рамкӕ «Фылдӕр базон».)