Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 январь 8 ф.
  • Сӕрибардзинады азы тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕрибардзинады азы тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй ссӕрибар уай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йегъовӕ йӕ адӕмы иннӕ адӕмтӕй хицӕн кӕны
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Йегъовӕ Израилы мыггӕгты ’хсӕн зӕхх куыд адих кодта?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзынӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 январь 8 ф.

Цагъартӕ чи уыдысты, уыцы нӕлгоймӕгтӕ Сӕрибардзинады азы ссӕрибар сты ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бинонтӕм ӕмӕ сӕ зӕххытӕм ӕрбаздӕхтысты

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Сӕрибардзинады азы тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын?

Израилӕгтӕ-иу цы хӕстӕ дардтой, уыдонӕй-иу Сӕрибардзинады азы ссӕрибар сты, ӕмӕ-иу уый фӕрцы цӕрӕнбонты мӕгуыр цард нӕ кодтой (Лв 25:10; w19.12 8, 9 фф., 3, 4 абз.; it-U «Свобода», дӕлсӕргонд «Бог свободы», 1 абз.; кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл).

Зӕхх-иу куы ауӕй кодтой, уӕд-иу уый уыди, цыма-иу ӕй арендӕйы радтой, уыйау. Йӕ аргъ та кӕнгӕ уыд, арендӕйы йӕ чи иста, уый дзы цас хор хъуамӕ ӕркарстаид, уымӕй (Лв 25:15; it-U «Наследство», дӕлсӕргонд «Наследственные владения», 2 абз.).

Израилӕгтӕ-иу Сӕрибардзинады азы закъон куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу сын Йегъовӕ арфӕ кодта (Лв 25:18–22; it-U «Юбилей», 8 абз.).

Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйыл иузӕрдион адӕм схайджын уыдзысты ӕцӕг сӕрибардзинадӕй. Сӕрибардзинады аз ахӕсгӕ хуызы цы рӕстӕгмӕ амоны, уыцы рӕстӕг куы фӕуа, уӕд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй бынтондӕр ссӕрибар уыдзысты (Ро 8:21).

Нывтӕ: адӕм зӕххӕй дзӕнӕт аразынц. 1. Зӕхх бырӕттӕй сыгъдӕг кӕнынц. 2. Хӕдзӕрттӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕ аразынц. 3. Зӕххы куыст кӕнынц

Алкӕй дӕр нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ зӕрдӕ цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта, уымӕй схайджын уӕм?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын