Донаргъуыдмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл цӕугӕйӕ кӕцы ран дӕ?
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйы фӕндагыл слӕуу
Мыййаг, ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ кӕнӕ Библи ахуыр кӕныс? Кӕд о, уӕд дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй донаргъуыд райсай? Донаргъуыд райсын дӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суай (Пс 91:1). Уымӕй уӕлдай ма дын фӕзындзӕн фервӕзыны фадат (1Пт 3:21). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай?
Дӕхицӕн сбӕлвырд кӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый. Исты фарстатӕ дӕм куы фӕзына, уӕд-иу сӕ раиртас (Ро 12:2). Бацархай-иу, цӕмӕй дӕ фӕивын цы хъӕуы, уый бамбарай ӕмӕ йӕ фӕивай. Уыцы ивындзинӕдтӕ-иу скӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Ӕм 27:11; Еф 4:23, 24). Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дӕ кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кӕндзӕн (1Пт 5:10, 11). Дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг! (Пс 16:11).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДОНАРГЪУЫДМӔ ФӔНДАГ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Иуӕй-иуты донаргъуыд райсын цы фӕкъуылымпы кӕны?
Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай?
Иуӕй-иутӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой?
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц?
Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай, уый цы нысан кӕны?