ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Хъуамӕ... фӕсурат уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр»
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр уыдаид, уыдӕттӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй фесӕфтаиккой (Нм 33:52; w10 1/10 23 ф., 4 абз.).
Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсынӕн сын кӕй баххуыс кӕндзӕн (Нм 33:53).
Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, се знӕгты се ’ппӕты дӕр сӕ разӕй куы нӕ фӕсурой, уӕд зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты (Нм 33:55, 56; w08 15/2 27 ф., 5, 6 абз.; it-U «Ханаан», дӕлсӕргонд «Почему Иегова повелел уничтожить хананеев?», 7 абз.).
Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, йӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм хъуыддӕгтӕ мауал кӕнӕм (Иак 1:21). Йегъовӕ нын дӕтдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй хизӕм.