Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 июль 9 ф.
  • Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстатӕ дӕттут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Йегъовӕйы ӕххуысыл-иу сразы ут. Хуыцаумӕ кувут
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 июль 9 ф.

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут

Адӕймаг хъуамӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕйӕ коммӕгӕс уа (Ӕм 3:1). Уымӕ гӕсгӕ иннӕтимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл. Уый нӕ бон куыд у аразын?

Адӕймагӕн Библийы ахуырӕдтӕ бацамонын фаг нӕу. Хъуамӕ ма йын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу бамбара, цы базыдта, уый йын царды куыд фӕпайда уыдзӕн ӕмӕ йын Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн. Стӕй ма хъуамӕ бамбара, Библийы фыст закъӕттӕй ӕмӕ уагӕвӕрдтӕй куыд зыны, Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, куыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ куыд рӕстаг у, уый. Цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕдыл ын цӕмӕй йӕ хъуыды базонӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ фарстатӕ дӕттӕм, ӕрмӕст уӕзданӕй. Хъӕуы йын баххуыс кӕнын, цӕмӕй ахъуыды кӕна, йӕ цард куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн, цавӕрдӕр хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсын куы райдайа кӕнӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг куы ныууадза, уӕд. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзы, уый куы уынӕм, уӕд нӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ХӔССЫ ЦИНДЗИНАД. АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНУТ. АДӔМЫ ЗӔРДӔТӔМ ФӔНДАГ АГУРУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут». Библийы ахуыры рӕстӕг Нитӕ Джейдмӕ фарста дӕтты

    Нитӕ Джейды афтӕ цӕмӕн бафарста, зӕгъгӕ, къуырисӕры цӕуыл дзырдтам, ууыл ма хъуыды кодтай?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут». Нитӕ Джейдимӕ Библийы стихыл ныхас кӕны

    Нитӕ Джейдӕн куыд бамбарын кодта, Библийы уагӕвӕрдтӕ Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй сты?

  • Къам видеороликӕй «Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хӕссы циндзинад. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнут. Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурут». Джейд Нитӕмӕ хъусы

    Адӕймагӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йын Библийы уагӕвӕрдтӕ йӕ зӕрдӕ бацагайой, уӕд ӕй фӕнддзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын

    Нитӕ Джейдӕн куыд бамбарын кодта, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый йӕ бон куыд у равдисын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын