НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕмбырды хотӕн кад кӕн
Фыстад нын дзуры, цӕмӕй ацӕргӕ чырыстӕттимӕ нӕхи афтӕ дарӕм, цыма нӕ мадӕлтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сты, ӕрыгӕттимӕ та – цыма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:1, 2). Ӕфсымӕртӕ хъуамӕ хотӕн кад кӕной ӕмӕ сӕ нымайой.
Ӕфсымӕрӕн хо ӕцӕгӕй йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд йӕхи афтӕ нӕ дардзӕн, цӕмӕй хо афтӕ ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цӕуын ӕмӕ йӕ мемӕ ӕмбӕлын фӕнды. Стӕй, хо кӕмӕй фефсӕрмы уа, ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр нӕ араздзӕн (Иов 31:1). Ӕнӕус ӕфсымӕр аргъ кӕндзӕн, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хойы ӕнкъарӕнтӕн.
Хотӕ хистӕр нӕлгоймӕгты истӕмӕй уӕзданӕй куы фӕрсой кӕнӕ сын исты ахсджиаг хъуыддаджы кой куы кӕной, уӕд-иу сӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ сӕ хъус дарой, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕрыл чи рахӕца, уый сын нӕй (Рф 2:8, 9).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗОНДЗИНАД ӔВДИСУТ ӔМБЫРДЫ. ИДӔДЗТӔМ ӔМӔ СИДЗӔРТӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Хо Мьинтыл ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд батыхстысты?
Хо Мьинтыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй батыхстысты, уый йӕ хъӕуы цӕрджытыл куыд фӕзынд?
Хо Мьинтыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй батыхстысты, уый йӕ чызджытыл куыд фӕзынд?
Де ’мбырды хоты кӕй уарзыс, уый дӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?