ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Алкӕддӕр Йегъовӕйӕ разамынд кур
Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ разамынд ногӕй ӕмӕ ногӕй куырдтой (Трх 20:17, 18, 23; w11 15/9 32 ф., 2 абз.).
Израилӕгтӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрдтой ӕмӕ дзы разамынд ракуырдтой, цӕмӕй йын йӕ ном ссыгъдӕг кӕнын сӕ бон уыдаид (Трх 20:26–28).
Хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйӕ разамынд курӕм ӕмӕ йыл ӕгасӕй дӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм (Трх 20:35; Лк 11:9; w11 15/9 32 ф., 4 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Исты зындзинадыл куы сӕмбӕлын, уӕд уайтагъддӕр Йегъовӕмӕ скувын? Ӕдзух дзы зонд ӕмӕ разамынд фӕкурын?»