ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Чи у дӕ паддзах?
Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтой (1См 8:4, 5; it-U «Царство Бога», дӕлсӕргонд «Народ просит царя из людей», 1 абз.).
Йегъовӕ сӕ паддзах кӕй уыд, уымӕй разы нӕ уыдысты (1См 8:7, 8; ia 72 ф., 18 абз.).
Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, паддзах сын куы уа, уӕд сын цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ кӕй уыдзӕн (1См 8:9, 18; w10 15/1 30 ф., 9 абз.).
Йегъовӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоныл йӕ бар цӕуы. Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ паддзах ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн кад кӕны. Йӕ коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд ӕнустӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй дӕн?»