Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 мартъи 9 ф.
  • Социалон сетьты дын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон чи сты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Социалон сетьты дын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон чи сты?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Социалон сетьтӕ – сӕ къӕппӕджытӕй дӕхи хиз
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Нӕ сайт – пайда дзы кӕн, дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дын социалон сетьты бирӕ ӕмбӕлттӕ уа?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 мартъи 9 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Социалон сетьты дын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон чи сты?

Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц ӕнувыд ӕмӕ кӕрӕдзийыл феууӕндынц. Зӕгъӕм, Давид ӕмӕ Ионафан балымӕн сты, Давид Голиафы куы амардта, уӕд (1См 18:1). Алкӕмӕ дӕр сӕ уыди, иннӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм миниуджытӕ. Адӕймаг искӕимӕ балымӕн вӕййы, хуыздӕр ӕй куы базоны, уӕд. Ӕмӕ уымӕн та хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ абон социалон сетьты «ӕмбӕлттӕ» ссарын тынг ӕнцон у. Интернеты кӕмӕндӕрты сӕ бон вӕййы, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый басусӕг кӕнын. Ӕмӕ афтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕуой. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис, интернеты кӕимӕ лымӕн кӕндзынӕ. Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй демӕ балымӕн уа, уӕд-иу ма сразы у. Ма тӕрс, кӕй йӕ фӕхъыг кӕндзынӕ, уымӕй. Иуӕй-иутӕ ахъуыды кодтой, социалон сетьтӕ тӕссаг цӕмӕй сты, ууыл ӕмӕ уынаффӕ рахастой, ӕппындӕр сӕ кӕй нӕ пайда кӕндзысты. Фӕлӕ кӕд социалон сетьтӕй пайда кӕныс, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СОЦИАЛОН СЕТЬТЫ КЪӔППӔДЖЫТЫ МА БАХАУ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау». Чызг федта, йӕ къамтӕ йын телевизортӕй кӕй ӕвдисынц, ӕмӕ сӕм дисгӕнгӕйӕ кӕсы

    Интернеты исты къам сӕвӕрыны размӕ кӕнӕ исты ныффыссыны размӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?

  • Къам видеороликӕй «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау». Дыууӕ мӕсты нӕлгоймаджы лӕппуйӕн телефоны цыдӕр ӕвдисынц, ӕмӕ лӕппу йӕ цӕстытӕ йӕ къухӕй сӕхгӕдта

    Социалон сетьты ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уай?

  • Къам видеороликӕй «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау». Лӕппу ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ноутбукӕй пайда кодта ӕмӕ йыл ныффынӕй

    Социалон сетьты цас рӕстӕг ӕрвитыс, уымӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы? (Еф 5:15, 16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын